Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Бӕргӕ сын куы ныббарис сӕ тӕригъӕд! Кӕд нӕ, уӕд мӕ ном дӕр сис, кӕм ӕй ныффыстай, Дӕ уыцы чиныгӕй». Хуыцау загъта Моисейӕн: «Йӕ тӕригъӕдӕй Мӕ хъыджы чи бацыд, уыдоны нӕмттӕ сисдзынӕн Мӕ чиныгӕй. Мӕныл кӕй ӕууӕнды, уый тыххӕй адӕмӕн ӕргомӕй чи зӕгъа, уый Ӕз дӕр мӕхионыл банымайдзынӕн Мӕ Уӕларвон Фыды раз. Дӕлимонтӕ уӕ коммӕ кӕй кӕсынц, ууыл ма цин кӕнут, фӕлӕ цин кӕнут, уӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕй сты, ууыл». Зӕгъын уын: Мӕныл кӕй ӕууӕнды, уый тыххӕй адӕмӕн ӕргомӕй чи зӕгъа, уый Адӕймаджы Фырт дӕр йӕхионыл банымайдзӕн Хуыцауы зӕдты раз.
Выбор основного перевода