Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырт ног дунейы Йӕ намысджын бынаты куы сбада, уӕд сымах дӕр, Мӕ фӕдыл рацӕуджытӕ, сбаддзыстут дыууадӕс бадӕны Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ. Хуыцау Ын ӕппӕт дӕр Йӕ дӕлбар куы бакӕна, уӕд Фырт Йӕхӕдӕг дӕр бацӕудзӕн, ӕппӕт дӕр Ын Йӕ дӕлбар Чи бакодта, Уый дӕлбар, ӕмӕ Хуыцау алцӕмӕн дӕр ӕмӕ алкӕмӕн дӕр уыдзӕн иунӕг Хицау. Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн, Хуыцауы дзӕнӕты цы царды бӕлас ис, уый дыргъӕй бахӕрыны бар".
Выбор основного перевода