Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ уӕд уыдзӕни, Хуыцау дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ чи нӕма уыд ӕмӕ нал уыдзӕн, ахӕм стыр бӕллӕх. Уӕ фӕразонӕй фервӕзын кӕнут уӕ удтӕ. Фӕлӕ цы нӕма федтам, ууыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм фӕразонӕй. Сыгъдӕг Фыст цыдӕриддӕр зӕгъы, уый ныффыстӕуыд махӕн зонд амонынӕн, цӕмӕй фӕразон уӕвыны, стӕй Сыгъдӕг Фыст цы ныфс дӕтты, уый фӕрцы махӕн уа зӕрдӕдарӕн. Сымах бахаудтат, адӕймаг кӕм бахауы, ахӕм фӕлварӕны. Фӕлӕ Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ уыл не 'руадздзӕн, тых уӕм кӕй фаг нӕ разына, ахӕм фӕлварӕн, фӕлӕ уын уӕ фӕлварӕны баххуыс кӕндзӕн, куыд ын бафӕразат, афтӕ. Ныхмӕлӕууӕг куы ӕрцӕуа, уӕд хӕйрӕджы ӕппӕт хъаруйӕ равдисдзӕн мӕнг ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ мӕнг диссӕгтӕ. Кӕд тухӕнтӕн фӕразӕм, уӕд Йемӕ паддзахиуӕг дӕр кӕндзыстӕм. Нӕхи Йыл куы атигъ кӕнӕм, уӕд ныл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн. Бафӕразын уӕ хъӕуы, цӕмӕй кӕронмӕ сӕххӕст кӕнат Хуыцауы фӕндон ӕмӕ райсат, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдӕуыд, уый. Алы фӕлварӕнты куы бахаут, ме 'фсымӕртӕ, уӕд ӕй уӕхицӕн нымайут стыр амондыл, Тӕхудиаг у фӕлварӕнӕн фӕразон адӕймаг, уымӕн ӕмӕ фӕлвӕрд куы уа, уӕд райсдзӕни, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг – мыггагмӕйы цард. Фӕлварӕнты чи бахауа, уый ма дзурӕд: «Хуыцау мӕ къахы». Хуыцауӕн фыдӕхӕй ракъахӕн нӕй, стӕй Йӕхӕдӕг дӕр никӕй къахы. Фӕлӕ алкӕй дӕр ракъахы йӕхи монц, сцыбӕл ӕй кӕны ӕмӕ бахауы йӕ къӕппӕджы.
Выбор основного перевода