Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Дунедарӕджы ныхас чи ницӕмӕ ӕрдардта, уыдон та сӕ цагъарты ӕмӕ сӕ дзугты ныууагътой быдыры. Ӕртыккаг бон сӕумӕйӕ арв ныннӕрыд, цӕхӕртӕ акалдта, хохыл ӕрбадти бӕзджын ӕврагъ, ӕмӕ райхъуыст сыкъауадындзы тыхджын уаст. Асадӕны цы адӕм уыд, уыдон сеппӕт дӕр фыртӕссӕй барызтысты. Веселиил акъацийӕ сарӕзта фидыды Чырын; йӕ дӕргъ – дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх – ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ бӕрзӕнд – ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. Уыди дзы сызгъӕрин будсудзӕн ӕмӕ фидыды Чырын, йеппӕт фӕрстыл дӕр – сызгъӕрин цъар. Йӕ мидӕг уыдысты сызгъӕрин къус маннӕимӕ, Аароны билцъӕфтыд лӕдзӕг ӕмӕ, фӕдзӕхстытӕ цы къӕйтыл фыст уыдысты, уыдон. Паддзахы бадӕнӕй-иу рацыд ӕрвӕрттывдтытӕ, хъуысти дзы ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, паддзахы бадӕны раз сыгъдис авд артӕвзаг цырагъы – уыдон сты Хуыцауы авд уды. Зӕд райста будсудзӕн, байдзаг ӕй кодта нывондхӕссӕны цӕхӕрӕй ӕмӕ йӕ фехста зӕхмӕ. Райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, арв нырттывта ӕмӕ зӕхх нынкъуыст. Фыццаг зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ зӕххыл ныууарыд их ӕмӕ арт тугӕмхӕццӕйӕ. Басыгъд зӕххы ӕртыццаг хай, басыгъд бӕлӕсты ӕртыццаг хай, басыгъд цъӕх кӕрдӕг ӕгасӕй дӕр. Ӕндӕр зӕд рацыд Кувӕндонӕй ӕмӕ ӕврагъыл Бадӕгӕн хъӕрӕй загъта: «Рауадз Де 'хсырф ӕмӕ ӕркӕрд хуым, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд хуымгӕрдӕн – зӕххыл хуымтӕ сцӕттӕ сты». Уӕд ӕврагъыл Бадӕг Йе 'хсырф рауагъта зӕххыл ӕмӕ ныккарста зӕхх. Уӕларвон Кувӕндонӕй рацыд ӕндӕр зӕд; уымӕ дӕр уыди цыргъ ӕхсырф. Уый фӕстӕ ӕз федтон: уӕларвы байгом Кувӕндон – Сыгъдӕг Цатыр. Арв нырттывта, райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур ӕмӕ зӕхх тынг нынкъуыст, адӕймаг зӕххыл куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ куыд нӕма уыд, афтӕ тынг нынкъуысти зӕхх. Адӕмыл арвӕй ныууарыди таланты ӕмуӕз их; ӕмӕ адӕм Хуыцауы ӕлгъыстой ихрыны тыххӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ уыцы рын тынг хъизӕмарӕй мардта.
Выбор основного перевода