Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ хивӕнд кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг карздӕр кӕныс де 'фхӕрд азары бонмӕ – Хуыцау Йӕхи ӕнӕхӕрам тӕрхонгӕнӕгӕй куы раргом кӕна, уӕдмӕ. Ралӕууыд Сӕ фыдӕхы стыр бон ӕмӕ йын чи бафӕраздзӕн?» Дыккаг сырд домдзӕн, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр – хуымӕтӕг адӕм ӕмӕ номдзыдтӕн, хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕн, сӕрибартӕ ӕмӕ цагъартӕн – йӕ рахиз къухыл кӕнӕ тӕрныхыл ӕвӕрд ӕрцӕуа нысан. Зӕд хъӕрӕй дзырдта: «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ Йын кад скӕнут, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тӕрхоны рӕстӕг. Бакувут арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ суадӕттӕ Сфӕлдисӕгмӕ». Уымӕн ӕмӕ Йӕ тӕрхӕттӕ раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты! Уый бафхӕрдта, йӕ хъахбайдзинадӕй зӕхх чи фехӕлдта, уыцы стыр хъахбайы ӕмӕ дзы райста Йӕ цагъарты туг». Ӕмӕ ӕрцахстӕуыд сырды, стӕй сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыд судзгӕ сондоны цадмӕ. Ӕз федтон паддзахы стыр урс бадӕн ӕмӕ уыцы бадӕны Бадӕджы. Фӕлыгъдысты Дзы арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ цыдӕр ӕрбаисты.
Выбор основного перевода