Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уыцы ныхӕстӕ зӕгъыны фӕстӕ сӕ цӕстыты раз Йесойы систӕуыд, ӕврагъ Ӕй ӕрбатыхта ӕмӕ Йӕ апостолтӕ нал федтой. Уый фӕстӕ ӕз федтон арвы дуар гомӕй. Ӕмӕ раздӕр кӕй фехъуыстон, сыкъауадындзы зӕлынау мемӕ цы хъӕлӕс ныхас кодта, уый мын загъта: «Ссу ардӕм, ӕмӕ дын фенын кӕнон, фидӕны цы уыдзӕн, уый». Ӕз федтон паддзахы бадӕнтӕ; бадтысты сыл, тӕрхон кӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыдон. Ӕз федтон, Йесойӕн ӕвдисӕны ӕмӕ Хуыцауы ныхас амоныны тыххӕй кӕй сӕртӕ акъуырдтой, уыдоны удтӕ; уыдон нӕ бакуывтой сырдмӕ ӕмӕ йӕ сурӕтмӕ, сӕ тӕрныхтыл ӕмӕ сӕ къухтыл сырды нысан нӕ сӕвӕрдтой. Уыдон райгас сты ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзахиуӕг кодтой мин азы. Иннӕ мӕрдтӕ та нӕ райгас сты, цалынмӕ мин азы рацӕуа, уӕдмӕ. Ай у фыццаг райгас. Тӕхудиаг сты, мӕрдты фыццаг райгасы чи райгас уа – уыдон Хуыцауы адӕм сты; дыккаг мӕлӕты бон сыл нӕ цӕуы, фӕлӕ уыдзысты Хуыцауӕн ӕмӕ Чырыстийӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ Йемӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мин азы.
Выбор основного перевода