Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо йын зӕгъы: «Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ ӕнаипп уай, уӕд ацу, ауӕй кӕн дӕ мулк, ратт ӕй мӕгуыртӕн, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл». Ауӕй кӕнут уӕ мулк ӕмӕ йӕ мӕгуыртӕн раттут. Уӕхицӕн саразут, хӕррӕгъ чи нӕ кӕны, ахӕм ӕвӕрӕндӕттӕ; ӕрӕмбырд кӕнут ӕнӕихсигӕ хӕзнатӕ уӕлӕрвты – уым сӕм хуыснӕг нӕ баирвӕзы ӕмӕ сӕ рӕмпӕг нӕ хӕры. Уымӕн ӕмӕ уӕ хӕзна кӕм ис, уым уыдзӕн уӕ зӕрдӕ дӕр. Йесо уый куы фехъуыста, уӕд ын зӕгъы: «Иу бакӕнинаг ма дын баззади: цыдӕриддӕр дӕм ис, уый ауӕй кӕн, байуар ӕй мӕгуыртыл, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл». Уӕдӕ кӕд сымах Чырыстиимӕ райгас стут, уӕд тырнут уӕлӕрвтӕм, Чырысти Хуыцауы рахиз фарс кӕм бады, уырдӕм. Уӕ хъуыдытӕ уӕнт зӕххон цардыл нӕ, фӕлӕ уӕларвон цардыл, Ӕмбырд кӕной, фидӕнӕн ӕнӕфӕцудгӕ бындур чи у, уыцы хӕзна, цӕмӕй райсой ӕцӕг цард. Фесӕфӕн кӕмӕн нӕй, рӕстӕджы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм хорзӕхтӕ уӕлӕрвты ӕфснайдӕй лӕууынц сымахӕн.
Выбор основного перевода