Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырт ног дунейы Йӕ намысджын бынаты куы сбада, уӕд сымах дӕр, Мӕ фӕдыл рацӕуджытӕ, сбаддзыстут дыууадӕс бадӕны Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ. Йесо сын загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Мӕ сӕраппонд ӕмӕ фарны уацы сӕраппонд йӕ хӕдзар, кӕнӕ йе 'фсымӕрты, кӕнӕ йӕ хоты, кӕнӕ йӕ мады, кӕнӕ йӕ фыды, [кӕнӕ йӕ усы,] кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты, кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууадза, уыдонӕй иунӕг ахӕм дӕр нӕй, Ӕмӕ, кӕд ӕфхӕрд ӕййафдзӕн, уӕддӕр ныридӕгӕн, ацы заманы, фондзыссӕдз хатты фылдӕрӕй чи нӕ райса хӕдзӕрттӕ, ӕфсымӕртӕ, хотӕ, мадӕлтӕ, сывӕллӕттӕ ӕмӕ зӕххытӕ, ӕрцӕуинаг дунейы та – мыггагмӕйы цард. Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахады сӕраппонд йӕ хӕдзар, кӕнӕ йӕ усы, кӕнӕ йе 'фсымӕрты, кӕнӕ йӕ ныййарджыты, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты чи ныууадза, уыдонӕй иунӕг ахӕм дӕр нӕй, Ӕмӕ ацы заманы дзӕвгар фылдӕр, ӕрцӕуинаг дунейы та мыггагмӕйы цард чи нӕ райса».
Выбор основного перевода