Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Чи Йӕ ӕрхуыдта, уымӕн та Йесо загъта: «Сихор кӕнӕ ӕхсӕвӕр куы аразай, уӕд дӕ хӕлӕртты, де 'фсымӕрты, дӕ хӕстӕджыты ӕмӕ хъӕздыг сыхӕгты ма ӕрхон, науӕд дӕ уыдон дӕр ӕрхондзысты ӕмӕ дын ӕй бафиддзысты. Фӕлӕ куывд куы кӕнай, уӕд ӕрхон мӕгуырты, цӕнкуылты, къуылыхты, куырмыты. Ӕмӕ тӕхудиаг уыдзынӕ, сӕ бон дын йӕ бафидын кӕй нӕу, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ дӕ мызд райсдзынӕ рӕстыты райгасы бон». Ӕз уый хуынтӕ уӕ агурыны тыххӕй нӕ дзурын. Мӕн фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгты номхыгъды фылдӕр кӕна ӕфтиаг. Ӕз райстон, ӕмӕ мӕм ис, цас мӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Цы мын рарвыстат, уый райстон Эпафродитӕй, ӕмӕ мӕм фаг ис. Уӕ хуын у хӕрздӕф нывондау, Хуыцауӕн фӕндиаг ӕмӕ ӕхсызгон. Йе стыр хъӕздыгадӕй Хуыцау баххӕст кӕндзӕн уӕ алы хъуаг дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы. Цыдӕриддӕр кӕнут, уый кӕнут ӕнувыдӕй, адӕмӕн кусӕгау нӕ, фӕлӕ Хицауӕн цыма лӕггад кӕнут, афтӕ. Уӕ зӕрдыл дарут: уӕ фӕллойы тыххӕй уын Хицау ратдзӕн хӕрзиуӕг. Уымӕн ӕмӕ Хицау Чырыстийӕн кусут. Хицау Йӕ арфӕ бафтауӕд Онисифоры хӕдзарыл. Бирӕ хӕттыты мӕ барӕвдыдта, мӕ рӕхыстӕ дӕр ӕй нӕ урӕдтой – къӕмдзӕстыгы хос ын нӕ уыдысты. Уый нӕ, фӕлӕ Роммӕ куы ӕрцыд, уӕд мӕ агуырдта зӕрдиагӕй ӕмӕ мӕ ссардта. Хицау ын баххуыс кӕнӕд, цӕмӕй йын тӕрхоны бон Хицау уа хатыргӕнӕг. Эфесы дӕр мын цас балӕггад кодта, уый ды хуыздӕр зоныс.
Выбор основного перевода