Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесойӕн загътой: «Мах Авраамы байзӕддаг стӕм ӕмӕ цагъартӕ никуы никӕмӕн уыдыстӕм. Уӕд Ды куыд зӕгъыс: „Ссӕрибар уыдзыстут"?» Ӕз зонын, Авраамы байзӕддаг кӕй стут, уый. Уӕддӕр Мӕ хъавут амарынмӕ, уымӕн ӕмӕ уӕм Мӕ дзырд нӕ хъары. Дзуапп Ын радтой: «Нӕ фыд Авраам у». Йесо сын загъта: «Сымах Авраамы цот куы уаиккат, уӕд Авраамы хъуыддӕгтӕ кӕниккат. Ӕфсымӕртӕ, Авраамы байзӕддӕгтӕ, стӕй сымах, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон! Фервӕзыныл дзурӕг ацы уац махӕн ӕрвыст у. Ӕрмӕст ӕддаг бакастӕй иудей чи у, уый ӕцӕг иудей нӕу, стӕй ӕрмӕст буарыл цы сунӕт ис, ӕцӕг сунӕт уый нӕу. Фӕлӕ иудей зӕрдӕйӕ чи у, уый у ӕцӕг иудей; зӕрдӕйы сунӕт – уый у ӕцӕг сунӕт. Уыцы сунӕт фыст ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕу, фӕлӕ Хуыцауы Удӕй у. Ахӕм адӕймагӕй ӕппӕлынц адӕм нӕ, фӕлӕ Хуыцау. Уӕдӕ цы зӕгъӕм нӕ дзуттаг адӕмы фыдӕл Авраамы тыххӕй? Цы йын бантыст? Йӕ сунӕт ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгыл сунӕты размӕ банымадта, уымӕн ӕмӕ Йыл Авраам ӕууӕндыди. Ӕмӕ сунӕтгонд чи нӕу, ӕппӕт уыцы уырнджытӕн Авраам сси сӕ фыдӕл, цӕмӕй уыдоны дӕр Хуыцау банымайа рӕстгӕнджытыл. Стӕй сунӕтгӕндтӕй дӕр сӕ фыдӕл сси, Авраамы фӕндагыл чи цӕуы ӕмӕ нӕ фыдӕл Авраам йӕ сунӕты размӕ Хуыцауыл куыд ӕууӕндыд, афтӕ Йыл чи ӕууӕнды, ӕрмӕст уыдонӕн. Уӕдӕ уыцы зӕрдӕвӕрд уырнындзинадмӕ гӕсгӕ у, цӕмӕй Хуыцауы лӕвар уа ӕмӕ ӕнӕмӕнг аххӕсса Авраамы ӕппӕт байзӕддӕгтыл – Ӕгъдауы дӕлбар чи у, ӕрмӕст уыдоныл нӕ, фӕлӕ Авраамы уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдоныл дӕр. Авраам у неппӕты фыдӕл,
Выбор основного перевода