Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕз Ӕй нӕ зыдтон. Фӕлӕ донӕй аргъауынмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй Уый раргом уа Израилӕн». Иоанн ӕвдисӕн лӕууыд: «Ӕз федтон Сыгъдӕг Уды уӕларвӕй бӕлонау Уымӕ ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ Йемӕ баззайгӕ. Ӕз Ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ мӕ донӕй аргъауынмӕ Чи рарвыста, Уый мын загъта: „Уды Кӕмӕ ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ Кӕимӕ баззайгӕ фенай, Уый у Сыгъдӕг Удӕй аргъауӕг". Ӕз уыдӕттӕ федтон ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууын, Хуыцауы Фырт кӕй у, уый тыххӕй».
Выбор основного перевода