Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаджы ӕмӕ йӕ байзӕддаджы скӕндзынӕн знӕгтӕ. Сылгоймаджы байзӕддаг дын дӕ сӕр цӕвдзӕни, ды та йын йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ». Калмы цот! Фыдзӕрдӕтӕ куы стут, уӕд уӕ бон куыд у хорз дзурын? Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕ цӕмӕй дзаг вӕййы, дзыхӕй дӕр уый рацӕуы. Кӕлмытӕ ӕмӕ калмы цот! Куыд фервӕздзыстут зындонмӕ уӕ ныппарыны тӕрхонӕй? Уӕд додоййаг уыдзысты сывӕрджынтӕ ӕмӕ дзидзидарджытӕ. Стыр бӕллӕх ӕрцӕудзӕн ацы зӕхмӕ, ӕмӕ Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн ацы адӕмы. Уӕларвӕй ӕргомгонд цӕуы: Хуыцауы ӕцӕгад фыдӕхӕй ссӕндӕг адӕм сӕ ӕнӕхуыцау миты ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй баййафдзысты Хуыцауы азар. Кӕд абон Йесойы Туджы фӕрцы сраст стӕм, уӕд нӕ цас фылдӕр ныфс ис, Йӕ фӕрцы Хуыцауы фыдӕхӕй кӕй фервӕздзыстӕм, уымӕй! Дзӕгъӕлдзырдӕй уӕ мачи асайӕд. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Хуыцау Йӕ азар ныккалдзӕн, басӕттын чи нӕ комы, уыдоныл. Уыдӕтты тыххӕй Хуыцау Йӕ фыдӕх ныккалдзӕн Йӕ ныхмӕлӕуджытыл. Ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут уӕлӕрвтӕй Йӕ Фырт Йесойы ӕрцыдмӕ. Уый Хуыцау райгас кодта мӕрдтӕй, ӕмӕ мах ирвӕзын кӕны ӕрцӕуинаг фыдӕхӕй. Уӕд мах куыд баззайдзыстӕм ӕнӕфхӕрдӕй, уыцы стыр ирвӕзындзинадыл ӕнувыд куы нӕ уӕм, уӕд? Ацы ирвӕзындзинады тыххӕй фыццаг дзырдта Хицау, ӕмӕ йыл мах фидарӕй баууӕндын кодтой, Уымӕй йӕ чи фехъуыста, уыдон. Ӕмӕ дзурынц хӕхтӕн ӕмӕ къӕдзӕхтӕн: «Рафӕлдӕхут ныл ӕмӕ нӕ уӕ быны бамбӕхсут паддзахы бадӕны Бадӕгӕй ӕмӕ Уӕрыччы фыдӕхӕй. Ралӕууыд Сӕ фыдӕхы стыр бон ӕмӕ йын чи бафӕраздзӕн?»
Выбор основного перевода