Хуыцау загъта: «Дӕ иунӕг уарзон фырт Исаакы акӕн, ацу Мориайы зӕхмӕ, ӕмӕ дын Ӕз уым цы хох бацамонон, ууыл ӕй иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсс».
«Мӕнӕ Мӕ уарзон Лӕггадгӕнӕг – Кӕй сӕвзӕрстон ӕмӕ Кӕуыл аудын, Уый. Бахай Йын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй, ӕмӕ адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕн Мӕ рӕстдзинад.
Цӕстмӕхъус! Дӕхи цӕстӕй уал къалабӕлас сис, стӕй уӕд фендзынӕ, де 'фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд сисын хъӕуы, уый.
Ӕмӕ фӕзынд ӕврагъ, ӕрӕмбӕрзта сӕ, ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай Мӕ уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм».
Ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕй сӕвзӕрстон, Мӕ уыцы Фырт у. Хъусут Ӕм».