Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у». «Мӕнӕ Мӕ уарзон Лӕггадгӕнӕг – Кӕй сӕвзӕрстон ӕмӕ Кӕуыл аудын, Уый. Бахай Йын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй, ӕмӕ адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕн Мӕ рӕстдзинад. Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Ды Мӕ уарзон Фырт дӕ, Ӕз Дӕуыл аудын». Сыгъдӕг Уд Ӕм ӕрцыди бӕлоны хуызы, ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Ды Мӕ уарзон Фырт дӕ, Ӕз Дӕуыл аудын». Моисей загъта нӕ фыдӕлтӕн: „Уӕ Хицау Хуыцау мӕн куыд сӕвӕрдта, афтӕ уын уе 'фсымӕртӕй иуы скӕндзӕни Пехуымпар; ӕмӕ уын Уый цыдӕриддӕр зӕгъа, уымӕ-иу хъусут. Уыцы Пехуымпармӕ чи нӕ байхъуса, уый фӕхъӕудзӕн Хуыцауы адӕмӕй". Тӕккӕ уӕлдӕр Намысджынӕй Йӕм куы ӕрыхъуыст: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у», уӕд райста Фыд-Хуыцауӕй кад ӕмӕ намыс.
Выбор основного перевода