Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ уӕ кӕд баууӕндын фӕнды, уӕд ӕрцӕуинаг чи уыд, Иоанн уыцы Илиа у. Уымӕй размӕ Ирод йе 'фсымӕр Филиппы ус Иродиадӕйы тыххӕй ӕрцахста Иоанны, сбаста йӕ рӕхыстӕй, ӕмӕ йӕ бакодта ахӕстоны. Паддзах фенкъард, фӕлӕ йӕ сомымӕ гӕсгӕ ӕмӕ йемӕ минасгӕнджыты ӕфсӕрмӕй радта йӕ курдиат ын сӕххӕст кӕныны бардзырд. Арвыста Иоаннмӕ, ӕмӕ йын ахӕстоны акъуырын кодта йӕ сӕр. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕргом кӕнын райдыдта: хъуамӕ ацӕуа Иерусалиммӕ ӕмӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджыты къухтӕй; амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн.
Выбор основного перевода