Уыдон иухатт Хуыцаумӕ куы куывтой ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Сыгъдӕг Уд загъта: «Цы хъуыддагӕн сӕ сӕвзӕрстон, уый саразынӕн Мын раттут Варнавӕйы ӕмӕ Савлы».
Ком бадарыны ӕмӕ фӕкувыны фӕстӕ Варнавӕйыл ӕмӕ Савлыл ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ афӕндараст кодтой.
Фӕлӕ мын загъта: «Ӕгъгъӕд дын у Мӕ хорзӕх, уымӕн ӕмӕ Мӕ тых йӕ тыхы бацӕуы, адӕймаг лӕмӕгъ куы вӕййы, уӕд». Уымӕ гӕсгӕ ӕз зӕрдиагдӕрӕй ӕппӕлдзынӕн, ӕдых кӕй дӕн, уымӕй, иудадзыг Чырыстийы хъаруйӕ хайджын куыд уон, афтӕ.