Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо сӕдӕйыхицауӕн загъта: «Ацу, ӕмӕ дӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ сӕххӕст уӕд дӕ фӕндон». Ӕмӕ уайтӕккӕ йӕ фӕсдзӕуин сдзӕбӕх. Йесо акаст фӕстӕмӕ, федта йӕ ӕмӕ загъта: «Ма тӕрс, Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Ӕмӕ сылгоймаг уайтӕккӕ сӕнӕниз. Уӕд ын Йесо дзуапп радта: «Хорз ус, стыр у дӕ уырнындзинад! Сӕххӕст уӕд дӕ фӕндон». Ӕмӕ йӕ чызг уайтӕккӕ сдзӕбӕх. Уый сӕ бафарста: «Кӕцы сахатыл ын фенцондӕр?» Уыдон ын загътой: «Знон ӕвдӕм сахатыл йӕ тӕвд ӕрхауд». Уӕд фыд базыдта, уый кӕй уыдис, Йесо йын афтӕ куы загъта, дӕ фырт сдзӕбӕх уыдзӕни, зӕгъгӕ, тӕккӕ уыцы афон. Ӕмӕ баууӕндыд йӕхӕдӕг дӕр, ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ иууылдӕр.
Выбор основного перевода