Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Се 'нӕхъуаджы сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕдтӕн кувынӕй зӕрдӕрухс чи у, уыдонӕй уӕ исчи уӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай ма фӕкӕнӕд. Уыдонӕн сӕ дины бындур мӕнг цӕстылуайӕнтӕ сты. Ахӕмтӕ дзӕгъӕлы сӕрыстыр сты сӕ зӕххон зондӕй. Уыдон Чырыстийыл, буары Сӕрыл, хӕст не сты. Буарӕн ӕппӕт дӕр дӕтты Чырысти – буар кӕрӕдзийыл ӕнгом хӕцы нуӕрттӕ ӕмӕ уӕнгбӕттӕнты фӕрцы, ӕмӕ рӕзы Хуыцауӕн фӕндиагӕй. Кӕд сымах Чырыстиимӕ амардыстут ӕмӕ а дунейы ӕгъдӕуттӕй ссӕрибар стут, уӕд ма, цыма дунейы цӕрут, уыйау цӕмӕн кӕсут уыдоны коммӕ: «Дӕ къухмӕ йӕ ма райс!», «Ма дзы бахӕр!», «Ма йыл бандзӕв!»? Уыцы ӕгъдӕуттӕ цӕуыл дзурынц, ӕппӕт уыдӕттӕ нал фӕбӕззынц се спайда кӕныны фӕстӕ. Уыдон иууылдӕр сты адӕмы ӕрхъуыдыгонд фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕ.
Выбор основного перевода