Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, хуыдтой Йӕм ӕппӕт рынчынты: алы низтӕй сӕйджыты, хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, уӕнгмӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта. Йесойы тыххӕй уайтӕккӕ фехъуыста, йӕ чызг хӕйрӕджджын кӕмӕн уыд, иу ахӕм сылгоймаг; ӕрцыд ӕмӕ йӕхи Уый къӕхтӕм ӕрӕппӕрста. Ӕмӕ ӕрвыст лӕгтӕн дзуапп радта: «Цӕут ӕмӕ зӕгъут Иоаннӕн, цы федтат ӕмӕ цы фехъуыстат, уый: куырмытӕ райдыдтой уынын, къуылыхтӕ – цӕуын, хъотырджынтӕ дзӕбӕх кӕнынц, къуырматӕ райдыдтой хъусын, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц фарны уац. Ӕрцыд Ӕм иу лӕг, йӕ ном – Иаир, синагогӕйы хицау. Йӕхи ӕрӕппӕрста Йесойы къӕхтӕм, ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта, йӕ хӕдзармӕ йын цӕмӕй бацӕуа, уый тыххӕй,
Выбор основного перевода