Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Дзуапп Ын радтой: «Ам махмӕ ис ӕрмӕстдӕр фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы». Йесо адӕмы ӕрбадын кодта кӕрдӕгыл, стӕй райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, скаст уӕларвмӕ, арфӕ ракодта, асаста дзултӕ ӕмӕ сӕ радта ахуыргӕнинӕгтӕм, уыдон та сӕ байуӕрстой адӕмӕн. Сеппӕт дӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Ӕмӕ ма цы уӕлдӕйттӕ баззад, уыдонӕй байдзаг дыууадӕс чыргъӕды. Йесо сӕ бафарста: «Цал дзулы уӕм ис? Ацӕут ӕмӕ фенут». Уыдон федтой ӕмӕ загътой: «Фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы». Уӕд сын бафӕдзӕхста ӕппӕт адӕмы дӕр цъӕх кӕрдӕгыл къордгай ӕрбадын кӕнын. Адӕм ӕрбадтысты къордгай – фондзыссӕдзгӕйттӕй ӕмӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгӕйттӕй. Йесо райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, скаст уӕларвмӕ, арфӕ ракодта, асаста дзултӕ ӕмӕ сӕ радта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм адӕмӕн байуарынмӕ. Дыууӕ кӕсаджы дӕр байуӕрста сеппӕтыл дӕр. Сеппӕт дӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Ӕмӕ ма дзул ӕмӕ кӕсагӕй цы баззад, уыдонӕй байдзаг дыууадӕс чыргъӕды. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Сымах сын раттут хӕринаг». Уыдон дзуапп радтой: «Махмӕ фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы йеддӕмӕ ницы ис. Ӕмӕ ныр утӕппӕт адӕмы фаг хойраг балхӕнынмӕ хъуамӕ ацӕуӕм?» (Уым уыди фондз мин лӕджы бӕрц.) Фӕлӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕрбадын сӕ кӕнут къордгай – алы къорды дӕр дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзы бӕрц куыд уа». Сеппӕты дӕр ӕрбадын кодтой, куыд загъд сын уыд, афтӕ. Йесо райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, скаст уӕларвмӕ, арфӕ ракодта, асаста сӕ, ӕмӕ сӕ ахуыргӕнинӕгтӕм радта адӕмӕн байуарынмӕ. Бахордтой сеппӕт дӕр ӕмӕ бафсӕстысты. Ӕмӕ ма цы уӕлдӕйттӕ баззад, уыдонӕй байдзаг дыууадӕс чыргъӕды. «Ам иу лӕппумӕ ис хъӕбӕрхоры фондз кӕрдзыны ӕмӕ дыууӕ гыццыл кӕсаджы. Фӕлӕ уый цы фаг у утӕппӕт адӕмӕн?» Йесо загъта: «Ӕрбадын сӕ кӕнут». Уыцы ран уыди бирӕ кӕрдӕг. Ӕмӕ адӕм ӕрбадтысты; нӕлгоймӕгтӕ уыдысты фондз мины бӕрц. Йесо райста кӕрдзынтӕ, арфӕ ракодта ӕмӕ сӕ байуӕрста, бадгӕ чи кодта, уыдоныл. Кӕсаг дӕр сын радта, кӕй цас хъуыди, уыйбӕрц. Адӕм куы бафсӕстысты, уӕд Йесо загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Цы уӕлдӕйттӕ баззад, уыдон ӕрӕмбырд кӕнут, куыд ницы дзы фесӕфа, афтӕ». Ӕрӕмбырд сӕ кодтой, ӕмӕ хъӕбӕрхоры фондз кӕрдзынӕй цы баззад, уыдонӕй байдзаг кодтой дыууадӕс чыргъӕды – чи хордта, уыдоны уӕлдӕйттӕ.
Выбор основного перевода