Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, ӕнӕфыййау фыстау фӕлмӕцыд ӕмӕ ӕвӕгӕсӕг кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕрдинаг – бирӕ, фӕлӕ хуымгӕрдджытӕ нӕ фаг кӕны. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй рарвита хуымгӕрдджытӕ Йӕ хуым кӕрдынмӕ». Йесо былмӕ куы рахызт, уӕд федта бирӕ адӕм ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сдзӕбӕх кодта сӕ рынчынты. Йесо былмӕ куы рахызт, уӕд федта бирӕ адӕм ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕнӕфыййау фыстау. Ӕмӕ сын бирӕ фӕцамыдта. Куы баизӕр, уӕд Ӕм ӕрбацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ загътой: «Ам фӕсвӕд ран у, ноджы банафон. Ауадз адӕмы, ацӕуой хъӕутӕм ӕмӕ сӕхицӕн хӕринаг балхӕной». Ауадз адӕмы, ацӕуой хӕстӕг хъӕутӕм ӕмӕ сӕхицӕн хӕринаг балхӕной». Бон изӕрырдӕм фӕкъул. Ӕрбацыдысты Йӕм дыууадӕс ахуыргӕнинаджы ӕмӕ Йын загътой: «Ауадз адӕмы ацӕуын хӕстӕг хъӕутӕм бахсӕвиуат кӕнынмӕ ӕмӕ сӕхицӕн хойраг самал кӕнынмӕ. Уымӕн ӕмӕ ам фӕсвӕд ран стӕм».
Выбор основного перевода