Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Иу сылгоймагӕн дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг цӕуынӕй не 'нцад. Уый чъылдымырдыгӕй бацыд Йесомӕ ӕмӕ Йын бандзӕвыд Йӕ пӕлӕзы коцорайыл. Уымӕн ӕмӕ хинымӕр дзырдта: «Ӕрмӕст Йӕ дарӕсыл Ын куы бандзӕвон, уӕд дӕр сдзӕбӕх уыдзынӕн». Уымӕн ӕмӕ Йесо сдзӕбӕх кодта бирӕты, ӕмӕ Йыл ӕппӕт рынчынтӕ ӕппӕрстой сӕхи, цӕмӕй Йыл бандзӕвой. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр архайдтой Йесойыл бандзӕвыныл, уымӕн ӕмӕ-иу Дзы рацыди тых ӕмӕ дзӕбӕх кодта сеппӕты дӕр. Сылгоймаг чъылдымырдыгӕй бацыд Йесомӕ, бандзӕвыд Ын Йӕ пӕлӕзы коцорайыл, ӕмӕ уайтӕккӕ туг банцад йӕ цӕуынӕй.
Выбор основного перевода