Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыссӕныл Ӕм ӕрбахастой уӕнгмарды. Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ уӕнгмардӕн загъта: «Ма тӕрс, Мӕ хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ». Фӕлӕ сӕм Йесо бацыди, бавнӕлдта сӕм ӕмӕ сын загъта: «Сыстут, ма тӕрсут». Уӕд сын Йесо загъта: «Ма тӕрсут. Ацӕут, фехъусын кӕнут Ме 'фсымӕртӕн, цӕмӕй цӕуой Галилеймӕ; уым Мӕ фендзысты». Фарн уын уадзын, Мӕ фарн уын дӕттын. Дуне куыд дӕтты, Ӕз уын ӕй афтӕ нӕ дӕттын. Ма тыхсут ӕмӕ ма тӕрсут. Уыдӕттӕ уын Ӕз уый тыххӕй загътон, Мемӕ куыд уат ӕмӕ фарнӕй куыд схайджын уат. Дунейы ӕвзардзыстут хъизӕмӕрттӕ, фӕлӕ фидар лӕуут: Ӕз фӕуӕлахиз дӕн дунейыл». Ӕмӕ Йӕ ӕз куы федтон, уӕд мардау ӕрхаудтӕн Йӕ къӕхты цурмӕ. Уӕд мыл Уый ӕрӕвӕрдта Йӕ рахиз къух ӕмӕ мын загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дӕн Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг,
Выбор основного перевода