Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Симон Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ, цардӕгас Хуыцауы Фырт». Йесо ныхъхъус. Алчер Ын загъта: «Ард бахӕр цардӕгас Хуыцауы раз, раст нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?» Сӕдӕйыхицау, стӕй уыимӕ Йесойы чи хъахъхъӕдта, уыдон зӕххӕнкъуыст ӕмӕ, цы ӕрцыди, ӕппӕт уыдӕттӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт уыди». Йесо ныхъхъус ӕмӕ ницы дзуапп лӕвӕрдта. Алчер Ӕй ногӕй бафарста: «Ды дӕ Чырысти, Арфӕгонды Фырт?» Йесо хъӕрӕй куыд ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд куыд систа, уый Йӕ разы лӕууӕг сӕдӕйыхицау куы федта, уӕд загъта: «Ацы Адӕймаг ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт уыди». Бирӕ хӕйрӕджджынтӕй-иу дӕлимонтӕ рацыдысты ӕмӕ-иу хъӕр систой: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» Фӕлӕ сын Йесо нӕ лӕвӕрдта дзурыны бар, уымӕн ӕмӕ зыдтой, Чырысти кӕй у, уый. Уӕд сеппӕт дӕр загътой: «Уӕдӕ Ды Хуыцауы Фырт дӕ?» Уый сын дзуапп радта: «Уӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъут, Ӕз Хуыцауы Фырт кӕй дӕн, уый». Нафанаил Ын загъта: «Равви, Ды Хуыцауы Фырт дӕ, Израилы Паддзах». Марфӕ Йын дзуапп радта: «О, Хицау! Дунемӕ Чи хъуамӕ ӕрцӕуа, Ды Хуыцауы уыцы Фырт Чырысти кӕй дӕ, уый мӕ уырны». [Филипп ын дзуапп радта: «Кӕд зӕрдиагӕй ӕууӕндыс, уӕд дыл саргъауӕн ис». Евнух загъта: «Ӕууӕндын, Йесо Чырысти Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл».] Фӕлӕ Хуыцауы Фырт кӕй у, уый равдыстӕуыд Йӕ хъаруйӕ, сыгъдӕггӕнӕг Уды архайдӕй, мӕрдтӕй райгасӕй; Уый у нӕ Хицау Йесо Чырысти.
Выбор основного перевода