Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд Йесо адӕмы ӕрбадын кодта зӕххыл, Райста авд дзулы ӕмӕ кӕсӕгтӕ, арфӕ ракодта, асаста сӕ ӕмӕ сӕ радта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, ахуыргӕнинӕгтӕ та сӕ байуӕрстой адӕмӕн. Сеппӕт дӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Ӕмӕ ма цы уӕлдӕйттӕ баззад, уыдонӕй байдзаг авд чыргъӕды. Хӕргӕ чи кодта, уыдон та, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты цыппар мин лӕджы. Уӕд Йесо ауагъта адӕмы, бахызт бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ ӕрцыди Магдалӕйы зӕхмӕ. Уӕд Йесо адӕмы ӕрбадын кодта зӕххыл, райста авд дзулы, арфӕ ракодта, асаста сӕ ӕмӕ сӕ радта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм адӕмӕн байуарынмӕ. Уыдон сӕ байуӕрстой. Уыди ма сӕм цалдӕр гыццыл кӕсаджы дӕр. Йесо раарфӕ кодта, ӕмӕ бафӕдзӕхста уыдоны дӕр байуарын. Адӕм бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Ӕмӕ ма цы уӕлдӕйттӕ баззад, уыдонӕй байдзаг авд чыргъӕды. Хӕргӕ чи кодта, уыдон та уыдысты цыппар мины бӕрц. Йесо сӕ ауагъта, Уайтӕккӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бахызт бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ ӕрцыди Далмануфаг зӕхмӕ. Хӕргӕ куы кодтой, уӕд Йесо райста дзул, арфӕ ракодта, асаста йӕ, радта сын ӕй ӕмӕ загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут – уый Мӕ Буар у». Ӕмӕ Йесо семӕ фынгыл куы ӕрбадт, уӕд райста дзул, арфӕ ракодта, асаста йӕ ӕмӕ сӕм ӕй радта.
Выбор основного перевода