Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Абон чи ис, райсом та пецы ӕппӕрст чи уыдзӕн, уыцы быдираг кӕрдӕджы Хуыцау афтӕ кӕм фӕлынды, уым сымах не сфӕлынддзӕн, ӕви, лӕмӕгъ уырнджытӕ! Йесо дзуапп радта: «Афтӕ тӕппуд цӕмӕн стут, лӕмӕгъ уырнджытӕ?» Ӕмӕ сыстади, уад ӕмӕ денджызӕн радта бардзырд, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр. Йесо сӕ бамбӕрста, ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн дзурут, лӕмӕгъ уырнджытӕ, дзул уӕм кӕй нӕй, уый тыххӕй? Ӕрмӕст курӕд, кӕй райсдзӕн, ууыл ӕууӕндгӕйӕ ӕмӕ бынтон ӕнӕдызӕрдыгӕй. Уымӕн ӕмӕ дызӕрдыггӕнӕг у, дымгӕ кӕй сисы ӕмӕ кӕмӕй фӕхъазы, уыцы денджызон уылӕнау.
Выбор основного перевода