Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фарисейтӕ та, ӕппӕт иудейтау, сӕ фыдӕлты ӕгъдауыл хӕст сты, ӕмӕ сӕ къухтӕ цалынмӕ бӕстон цӕхсой, уӕдмӕ нӕ хӕрынц. Базарӕй куы ӕрцӕуынц, уӕд дӕр нӕ хӕрынц, цалынмӕ сӕхи цӕхсой, уӕдмӕ. Ӕмӕ ма хӕст сты бирӕ ӕндӕр ӕгъдӕуттыл дӕр: ӕхсынц къустӕ, дурынтӕ, ӕгтӕ ӕмӕ бандӕттӕ. Ӕмӕ фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ бафарстой Йесойы: «Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыдӕлты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕуылнӕ цӕрынц, чъизи къухтӕй цӕмӕн хӕрынц?» Йесо сын дзуапп радта: «Цӕстмӕхъустӕ, сымах тыххӕй Исай-пехуымпар Сыгъдӕг Фысты хорз загъта: „Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй. Дзӕгъӕлы Мӕм кувынц; цӕуыл ахуыр кӕнынц, уыдон адӕймаджы ӕрхъуыдыгонд ӕгъдӕуттӕ сты". Сымах ныууагътат Хуыцауы фӕдзӕхст, ӕмӕ хӕст стут адӕймаджы ӕрхъуыдыгонд ӕгъдӕуттыл». Ноджыдӕр сын загъта: «Уӕхи ӕгъдау ӕххӕст кӕныны сӕраппонд Хуыцауы фӕдзӕхст аивын хорз зонут. Йесо дзуапп радта: «Сар уӕ сӕр сымахӕн дӕр, динамонджытӕ! Адӕмыл ӕвӕрут зынхӕссӕн уӕргътӕ, уӕхӕдӕг та сӕм уӕ ныхы кӕронӕй дӕр не 'вналут. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый мах ӕвдисӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй. Йӕ фӕдзӕхстытӕ та ӕнцон ӕххӕстгӕнӕн сты.
Выбор основного перевода