Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕркӕсут-ма, ӕфсымӕртӕ, Хуыцау уӕ куы ӕрхуыдта, уӕд цавӕртӕ уыдыстут: зӕххон барӕнтӕй баргӕйӕ, уе 'хсӕн бирӕ нӕ уыди зондджынтӕ, бирӕ уӕм нӕ уыди тыхджынтӕ, бирӕ уӕм нӕ уыди уӕздӕттӕй. Фӕлӕ Хуыцау сӕвзӕрста, дунейы цӕсты ӕнӕзонд чи у, уыдоны, цӕмӕй фӕхудинаг кӕна зондджынты, ӕмӕ дунейы цӕсты лӕмӕгъ чи у, уыдоны сӕвзӕрста Хуыцау, цӕмӕй фӕхудинаг кӕна тыхджынты. Дунейы цӕсты ницӕйаг, ӕгад ӕмӕ ӕнахадгӕ чи уыди, Хуыцау уыдоны сӕвзӕрста, цӕмӕй ахадгӕты скӕна ӕнахадгӕ, Ӕмӕ иу адӕймаг дӕр Хуыцауы раз йӕхицӕй ма раппӕла.
Выбор основного перевода