Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕ фӕсмоны тыххӕй уыл ӕз донӕй аргъауын, фӕлӕ мӕ фӕстӕ Чи ӕрбацӕуы, Уый мӕнӕй тыхджындӕр у – ӕз Ын Йӕ дзабыртӕ хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Уый уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй. Иоанн Фырты тыххӕй лӕууы ӕвдисӕн ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй зӕгъы: «Ай Уый у, ӕз афтӕ Кӕй тыххӕй загътон: „Мӕ фӕстӕ Чи цыди, Уый фӕци мӕ разӕй, уымӕн ӕмӕ ӕз нӕма уыдтӕн, Уый та уыди"». Мӕ фӕстӕ Цӕуӕг. Ӕз Уымӕн Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн». Павел загъта: «Иоанн аргъуыдта, тӕригъӕдтыл фӕсмон чи кодта, уыдоныл; дзырдта адӕмӕн, цӕмӕй баууӕндой, йӕ фӕстӕ Чи ӕрцӕуы, Ууыл, ома, Йесойыл». Уымӕн ӕмӕ «бирӕ нал хъӕуы, хӕрзгыццыл рӕстӕг ма, ӕмӕ ӕрцӕуинаг Чи у, Уый ӕрцӕудзӕн, нӕ бафӕстиат уыдзӕн. Иоаннӕй Асийы авд аргъуанмӕ: хорзӕх ӕмӕ уын фарн, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уымӕй ӕмӕ, Йӕ бадӕны раз чи ис, уыцы авд удӕй, «Ӕз дӕн Алфӕ ӕмӕ Омегӕ, [райдиан ӕмӕ кӕрон]», – зӕгъы Хицау Хуыцау, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, уыцы Дунедарӕг.
Выбор основного перевода