Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕцӕг уын зӕгъын: бирӕ пехуымпартӕ ӕмӕ рӕстгӕнджытӕ тӕхуды кодтой, сымах цы уынут, уый фенынмӕ, фӕлӕ йӕ нӕ федтой; сымах цы хъусут, уый фехъусынмӕ, фӕлӕ йӕ нӕ фехъуыстой. Уыцы ирвӕзындзинад иртӕстой пехуымпартӕ ӕмӕ рагагъоммӕ загътой, сымахӕн нысангонд цы хорзӕх уыди, уый тыххӕй. Уыдон архайдтой, хайджын Кӕмӕй уыдысты, Чырыстийы уыцы Уд сын рагагъоммӕ Чырыстийы тухӕнты ӕмӕ Йӕ фӕстӕдӕры намысы тыххӕй куы дзырдта, уӕд сын цы афонмӕ ӕмӕ ӕууӕлтӕм амыдта, уый базоныныл. Хуыцау сын раргом кодта, цы раиртӕстой, уый сӕхи хорзӕхӕн нӕ, фӕлӕ уӕ хорзӕхӕн кӕй уыди. Цы раиртӕстой, уый тыххӕй ныр сымахӕн загътой, фарны уац уын уӕларвӕй ӕрвыст Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй чи фехъусын кодта, уыдон. Уыцы сусӕгдзинад базонынмӕ бӕллынц зӕдтӕ дӕр.
Выбор основного перевода