Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ иу ахӕм сывӕллоныл Мӕ номы сӕраппонд зӕрдиаг чи уа, уый Мӕныл у зӕрдиаг. «Ахӕм сывӕллӕттӕй иуыл Мӕ номы сӕраппонд зӕрдиаг чи уа, уый Мӕныл у зӕрдиаг; Мӕныл зӕрдиаг чи уа, уый та Мӕныл зӕрдиаг нӕу, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕгыл». Ӕмӕ сын загъта: «Ацы сывӕллоныл Мӕ номы сӕраппонд зӕрдиаг чи уа, уый Мӕныл у зӕрдиаг; Мӕныл зӕрдиаг чи уа, уый та Мӕ Рарвитӕгыл у зӕрдиаг. Уеппӕты ӕхсӕн тӕккӕ къаддӕр чи у – цытджын уый у». Сымахмӕ чи хъусы, уый Мӕнмӕ хъусы, ӕмӕ сымахыл йӕхи чи тигъ кӕны, уый Мӕныл тигъ кӕны йӕхи. Мӕныл йӕхи чи тигъ кӕны, уый та Мӕ Рарвитӕгыл тигъ кӕны йӕхи». Йесо та бавдӕлд ӕмӕ сбадти къӕлӕуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Ӕз кӕй арвитон, ууыл зӕрдиаг чи уа, уый Мӕныл у зӕрдиаг; Мӕныл зӕрдиаг чи у, уый та Мӕ Рарвитӕгыл у зӕрдиаг». Ӕмӕ мӕ рынчын кӕд сымахӕн фӕлварӕн уыди, уӕддӕр мӕ ницыйыл нӕ банымадтат, ӕнӕрвӕссон мыл нӕ уыдыстут, фӕлӕ мыл баузӕлыдыстут, цыма уын Хуыцауы зӕд кӕнӕ Йесо Чырысти уыдтӕн, афтӕ.
Выбор основного перевода