Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау загъта: «Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕ тынг хъаст кӕнынц, сӕ тӕригъӕд ӕгӕр уӕззау у. Ныццӕуон ӕмӕ фенон, Мӕнмӕ уыдоныл цы хъаст ссыди, сеппӕт митӕ дӕр ӕцӕгӕй афтӕ сты, ӕви нӕ. Мӕхӕдӕг ӕй сбӕлвырд кӕнон». Лӕгтӕ араст сты уырдыгӕй ӕмӕ ацыдысты Содоммӕ; Авраам ма уӕддӕр лӕууыди Хуыцауы раз. Авраам Ӕм бацыди хӕстӕгдӕр ӕмӕ загъта: «Ау, Ды тӕригъӕдджынимӕ рӕстгӕнӕджы дӕр фесафдзынӕ? Уыцы сахары, чи зоны, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы ис. Ау, цы дӕс ӕмӕ дзы дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы ис, уыдоны сӕраппонд Ды уыцы бынат нӕ бахиздзынӕ? Ды афтӕ нӕ бакӕндзынӕ – рӕстгӕнӕджы нӕ фесафдзынӕ тӕригъӕдджынимӕ, тӕригъӕдджынӕн ӕмӕ рӕстгӕнӕгӕн сӕ адзал иу нӕ уыдзӕни. Ды афтӕ нӕ бакӕндзынӕ! Ӕппӕт зӕххы Тӕрхонгӕнӕг хӕрам тӕрхон рахӕсдзӕн, ӕви?» Хуыцау загъта: «Кӕд Содомы дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы ссарон, уӕд Ӕз уыдоны сӕраппонд ныббардзынӕн ӕппӕт уыцы бынатӕн». Авраам дарддӕр дзырдта: «Мӕнӕ ӕз рыг ӕмӕ ӕртхутӕгӕй уӕлдай нӕ дӕн, афтӕмӕй мӕ ныфс бахастон Хуыцауимӕ ныхас кӕнынмӕ: Дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзы бӕсты дзы фондз ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы куы разына, уӕд уыцы фондзы тыххӕй Ды ӕппӕт сахар фесафдзынӕ?» Хуыцау загъта: «Фондз ӕмӕ дзы дыууиссӕдз куы ссарон, уӕд ӕй нӕ фесафдзынӕн». Авраам дарддӕр ныхас кодта Йемӕ: «Чи зоны дзы дыууиссӕдз йеддӕмӕ нӕ разына». Хуыцау загъта: «Нӕ йӕ фесафдзынӕн дыууиссӕдзы сӕраппонд дӕр». Авраам загъта: «Ма смӕсты уӕд Хуыцау, ӕз цы зӕгъдзынӕн, ууыл: ӕмӕ дзы дӕс ӕмӕ ссӕдз куы разына, уӕд та?» Хуыцау загъта: «Нӕ йӕ фесафдзынӕн, дӕс ӕмӕ дзы ссӕдз куы разына, уӕд дӕр». Авраам та загъта: «Мӕнӕ ӕз мӕ ныфс бахастон Хуыцауимӕ ныхас кӕнынмӕ: ссӕдз рӕстгӕнӕджы дзы куы разына, уӕд та?» Хуыцау загъта: «Нӕ йӕ фесафдзынӕн ссӕдзы сӕраппонд дӕр». Уӕд Авраам загъта: «Ма смӕсты уӕд мӕ Паддзах, ӕз ма ӕрмӕст иу ныхас зӕгъдзынӕн: дӕс дзы куы разына, уӕд та?» Хуыцау загъта: «Нӕ йӕ фесафдзынӕн уыцы дӕсы сӕраппонд дӕр». Уыйадыл Хуыцау фӕци Йӕ ныхас Авраамимӕ ӕмӕ ацыд; Авраам та ӕрбаздӕхти сӕхимӕ. Дыууӕ зӕды Содоммӕ ӕрбацыдысты изӕры, Лот Содомы кулдуары цур куы бадти, уӕд. Лот сӕ федта, сыстади, рацыди сӕ размӕ ӕмӕ сын зӕххы онг акуывта йӕ сӕрӕй. Лот загъта: «Мӕ зынаргъ уазджытӕ, табуафси, рацӕут уӕ цагъары хӕдзармӕ; цӕхсдзыстут уӕ къӕхтӕ, бахсӕвиуат кӕндзыстут, райсомӕй та раджы сыстдзыстут ӕмӕ ацӕудзыстут уӕ фӕндагыл». Уыдон загътой: «Нӕ, мах уынджы ӕхсӕвиуат кӕндзыстӕм». Фӕлӕ сӕм Лот афтӕ зӕрдиагӕй ӕрхатыд, ӕмӕ йӕ фӕдыл бацыдысты хӕдзармӕ. Лот сын ӕрцӕттӕ кодта хӕринаг, сфыхта сын донгонд дзултӕ, ӕмӕ бахордтой. Уазджытӕ нӕма схуыссыдысты, афтӕ Содомы сахары ӕппӕт нӕлгоймӕгтӕ, ӕрыгонӕй зӕрондмӕ, иууылдӕр ӕртыхстысты хӕдзарыл, Хъӕр кодтой Лотмӕ, дзырдтой йын: «Дӕумӕ изӕры чи ӕрцыд, уыцы адӕймӕгтӕ кӕм сты? Ракӕн нӕм сӕ ӕмӕ сыл нӕхи аирхӕфсӕм». Лот йӕ фӕдыл дуар сӕхгӕдта, рацыди сӕм ӕддӕмӕ, Ӕмӕ сын загъта: «Ме 'фсымӕртӕ, ахӕм ӕвирхъау ми ма бакӕнут. Байхъусутма, мӕнӕн ис, нӕлгоймаг чи нӕма базыдта, дыууӕ ахӕм чызджы; фӕлтау уыдоны рахондзынӕн сымахмӕ, ӕмӕ уӕ цы фӕнды, уый сын бакӕнут; ӕрмӕст мӕ хӕдзармӕ ӕрбацӕуджытӕн ӕвзӕрӕй мацы саразут, уымӕн ӕмӕ мӕ хӕдзары уазӕг бакодтой сӕхи». Фӕлӕ уыдон загътой: «Ахъуыдты у нӕ фӕндагӕй». Ӕмӕ ма сӕ ныхасмӕ бафтыдтой: «Кӕсма йӕм, ӕрцӕуӕггаг у, афтӕмӕй йӕ махӕн тӕрхонгӕнӕгӕй ныллӕууын фӕнды. Ныр мах дӕуӕн уыдонӕй ӕвзӕрдӕр митӕ бакӕндзыстӕм». Лӕгдыхӕй фӕстӕмӕ ахӕцыдысты Лотыл – хъуамӕ асастаиккой дуар. Фӕлӕ уыцы лӕгтӕ сӕ къухтӕ радардтой ӕддӕмӕ, Лоты бакодтой хӕдзармӕ ӕмӕ дуар сӕхгӕдтой. Дуары ӕдде цы адӕм уыди, уыдоны та, чысылӕй стырмӕ, бакуырм кодтой, ӕмӕ фыдӕбоны хай фесты дуар агургӕйӕ. Уазджытӕ Лотӕн загътой: «Ам ма дын чи ис? Дӕ сиӕхстӕ, дӕ фырттӕ, дӕ чызджытӕ кӕнӕ ма дын ӕндӕр исчи сахары ис? Акӕн сӕ ацы бынатӕй. Мах ацы бынат фесафдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ йыл Хуыцаумӕ стыр хъаст ссыди, ӕмӕ мах рарвыста йӕ фесафынмӕ». Лот рацыд, йӕ чызджыты йын чи хъуамӕ ракуырдтаид, йӕ уыцы сиахсӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Сыстут ӕмӕ ацӕут ацы бынатӕй: Хуыцау рӕхджы фесафдзӕн ацы сахар». Фӕлӕ йын уыдон йӕ ныхӕстӕ хъазынмӕ бамбӕрстой. Боныцъӕхтыл зӕдтӕ дзырдтой Лотӕн, цӕмӕй фӕтагъддӕр кӕна: «Рӕвдздӕр акӕн ардыгӕй дӕ усы, демӕ чи ис, дӕ уыцы дыууӕ чызджы, науӕд фесӕфдзынӕ ацы тӕригъӕдджын сахаримӕ». Фӕлӕ Лот нӕ тагъд кодта. Уӕд уыцы дыууӕ лӕджы, Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ, ныххӕцыдысты Лоты, йӕ усы, йӕ дыууӕ чызджы къухтыл ӕмӕ сӕ ракодтой фӕссахармӕ. Сахар фӕсте куы аззад, уӕд лӕгтӕй иу загъта: «Дӕхи бахиз; фӕстӕмӕ ма акӕс, дӕлвӕзы макуы ӕрлӕуу. Лидзгӕ кӕн хохмӕ, науӕд фесӕфдзынӕ». Фӕлӕ сын Лот загъта: «Нӕ, мӕ Паддзах! Дӕ цагъар Дӕ цӕсты сси аудыны аккаг; кӕй мӕ фервӕзын кодтай, дӕ уыцы хорзӕх егъау у. Фӕлӕ хохмӕ нӕ бахӕццӕ уыдзынӕн: бӕллӕх мӕ ӕрӕййафдзӕни фӕндагыл ӕмӕ фесӕфдзынӕн. Дӕлӕ уыцы сахар дард нӕу, бахӕццӕ йӕм уыдзынӕн, стӕй гыццыл сахар у. Раттут мын уырдӕм алидзыны бар, бынтон гыццыл сахар у – уым баззайдзынӕн удӕгасӕй». Уый йын загъта: «Хорз, дӕу афтӕ фӕнды, ӕмӕ дын уый дӕр сараздзынӕн: ды цы сахарӕй зӕгъыс, уый нӕ фесафдзынӕн. Рӕвдздӕр згъоргӕ уырдӕм; уымӕн ӕмӕ ды цалынмӕ уырдӕм бахӕццӕ уай, уӕдмӕ Мӕ бон ницы бакӕнын у». Уымӕ гӕсгӕ йӕ схуыдтой Сигор. Хуры скастмӕ Лот бахӕццӕ Сигормӕ. Ӕмӕ Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл уӕлӕрвтӕй, къӕвдайау, ӕркалдта судзгӕ сондон. Хуыцау фесӕфта уыцы сахартӕ, ӕппӕт дӕлвӕз, сахарты ӕппӕт цӕрджыты ӕмӕ, уыцы зӕххыл цы зайӕгойтӕ уыди, уыдон иууылдӕр. Фӕлӕ Лоты ус акасти фӕстӕмӕ ӕмӕ фестади цӕхдур. Авраам сыстади сӕумӕйӕ ӕмӕ ацыди, Хуыцауы цур раздӕр кӕм лӕууыд, уыцы ранмӕ. Уырдыгӕй йӕ цӕст ахаста Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл, ӕппӕт дӕлвӕзыл ӕмӕ федта: пецӕй цӕуӕгау сау фӕздӕджы къуыбылӕйттӕ зӕххӕй цӕуынц хӕрдмӕ. Фӕлӕ уын зӕгъын: Содомы зӕххӕн тӕрхоны бон дӕуӕй ӕнцондӕр уыдзӕн». Зӕгъын уын, тӕрхоны бон Содомӕн уыцы сахарӕй ӕнцондӕр уыдзӕн. Хӕрынц идӕдзты хӕдзӕрттӕ, цӕстмӕ кувынц бирӕ. Уыдон баййафдзысты карз ӕфхӕрд». Кӕд Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сахарты фестын кодта ӕртхутӕг, ӕмӕ сын уымӕй рахаста сӕ сыскъуыныны тӕрхон, фидӕны ӕнӕхуыцӕуттӕн уый зондыхос куыд уа, афтӕ; Уыдонау Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылайы сахартӕ хӕтыдысты ӕмӕ фехӕлдысты, ӕмӕ уый тыххӕй мыггагмӕйы арты ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц, уый алкӕмӕн дӕр у зондыхос.
Выбор основного перевода