Уӕд уӕ ӕгъатырӕй ӕфхӕрдзысты ӕмӕ уӕ мардзысты, ӕмӕ Мӕ номы тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕн уыдзыстут ӕнӕуынон.
Ӕмӕ тӕригъӕды сарӕхы аххосӕй бирӕтӕн бамынӕг уыдзӕни сӕ уарзондзинад.
Фӕлӕ кӕронмӕ чи бафӕраза, уый фервӕздзӕн.
Афтӕ уын кӕндзысты Мӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕ Рарвитӕджы нӕ зонынц.