Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Цӕут! Мӕнӕ уӕ Ӕз ӕрвитын, уӕрыччыты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ ӕрвитӕгау. Ӕххуырст та ахӕм нӕу, уымӕн фыстӕ йӕхи не сты; бирӕгъы ӕрцӕугӕ куы фены, уӕд ныууадзы фысты, лидзынмӕ фӕвӕййы, бирӕгъ аскъӕфы фыстӕй ӕмӕ сӕ ныххӕлиу кӕны. Ӕз зонын, мӕ ацыды фӕстӕ уӕм кӕй бацӕудзысты, дзугыл чи нӕ ауӕрддзӕн, ахӕм тугдзых бирӕгътӕ. Фарны уацӕн коммӕгӕс кӕй стут, уый алкӕмӕн дӕр зындгонд у. Уымӕ гӕсгӕ ӕз цин кӕнын сымах тыххӕй. Фӕнды мӕ, цӕмӕй хорз аразынмӕ уат зондджын, ӕвзӕрмӕ та ма арӕхсат. Уӕдӕ кӕсут уӕ цардмӕ; уӕхи дарут ӕнӕзӕндтау нӕ, фӕлӕ зондджынтау.
Выбор основного перевода