Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уый фӕстӕ Йесо ссыди хохмӕ ӕмӕ басидти, Йӕхи кӕй фӕндыд, уыдонмӕ. Ӕмӕ Йӕм ӕрбацыдысты. Сӕ дыууадӕсы дӕр сӕвӕрдта апостолтӕй, цӕмӕй уой Йемӕ, ӕрвита сӕ Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ, Уа сӕм адӕмӕй дӕлимонтӕ сурыны тых. Сӕвӕрдта Симоны ӕмӕ йӕ схуыдта Петр; Зеведейы фырт Иаковы ӕмӕ уый ӕфсымӕр Иоанны, ӕмӕ сӕ схуыдта Воанергес (ома, Ӕрвнӕрды фырттӕ); Андрейы, Филиппы, Варфоломейы, Матфейы, Фомайы, Алфейы фырт Иаковы, Фаддейы, Симон Кананиты Ӕмӕ Йесойыл гадзрахатӕй рацӕуӕг Иудӕ Искариоты. Уыцы рӕстӕг Йесо хохмӕ ссыди бакувынмӕ, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв уым куывта Хуыцаумӕ. Куы ӕрбабон, уӕд басидт Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, равзӕрста дзы дыууадӕсы ӕмӕ сӕ схуыдта апостолтӕ: Петр, зӕгъгӕ, кӕй схуыдта, уыцы Симоны ӕмӕ уый ӕфсымӕр Андрейы, Иаковы, Иоанны, Филиппы, Варфоломейы, Матфейы, Фомайы, Алфейы фырт Иаковы, фӕсномыгӕй Зилот кӕй хуыдтой, уыцы Симоны, Иаковы фырт Иудӕйы ӕмӕ Иудӕ Искариоты – Йесойыл фӕстӕдӕр гадзрахатӕй чи рацыди, уый. Иоаннӕй Йесойы тыххӕй чи фехъуыста ӕмӕ Йӕ фӕдыл чи ацыд, уыцы дыууӕйӕ иу уыдис Андрей, Симон Петры ӕфсымӕр. Андрей ӕвӕстиатӕй бацагуырдта йе 'фсымӕр Симоны ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам Мессиайы» (ома, Чырыстийы). Уый фӕстӕ йӕ ӕркодта Йесомӕ. Йесо йӕм бакаст ӕмӕ йын загъта: «Иоанны фырт Симон, дӕ ном уыдзӕн Кифӕ» (ома, Петр). Дыккаг бон Йесо скодта Галилеймӕ цӕуыны фӕнд. Ссардта Филиппы ӕмӕ йын загъта: «Цом Мемӕ». Филипп та уыди вифсаидӕйаг, Андрей ӕмӕ Петр кӕцӕй уыдысты, уыцы сахайраг. Филипп бацагуырдта Нафанаилы ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисейы Ӕгъдауы Кӕй тыххӕй ис фыст, стӕй пехуымпартӕ Кӕй тыххӕй фыстой, уыцы Назаретаг Йесойы, Иосифы фырты». Фӕлӕ йын Нафанаил загъта: «Назаретӕй дӕр хорзӕй исты рацӕудзӕн?» Филипп ын загъта: «Рацу ӕмӕ фен». Йесо федта Нафанаилы ӕрбацӕйцӕугӕ ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ ӕцӕг ӕнӕхин израилаг». Нафанаил Ын загъта: «Ды мӕ цӕмӕй зоныс?» Йесо йын дзуапп радта: «Филипп дӕм куы нӕма фӕдзырдта, уӕд дӕ легъуибӕласы бын федтон». Нафанаил Ын загъта: «Равви, Ды Хуыцауы Фырт дӕ, Израилы Паддзах». Куы ӕрцыдысты, уӕд схызтысты уӕллаг уатмӕ ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ уыдысты уым – Петр, Иоанн, Иаков ӕмӕ Андрей, Филипп ӕмӕ Фома, Варфоломей ӕмӕ Матфей, Алфейы фырт Иаков, Симон Зилот ӕмӕ Иаковы ӕфсымӕр Иудӕ.
Выбор основного перевода