Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Фӕлӕ уын зӕгъын: Илиа ӕрцыди ныридӕгӕн, фӕлӕ йӕ нӕ базыдтой, ӕмӕ сӕ цы бафӕндыд, уый йын бакодтой. Афтӕ Адӕймаджы Фыртӕн дӕр уыдон бавзарын кӕндзысты хъизӕмӕрттӕ». Йесо сын дзуапп радта: «Раст у, раздӕр Илиа хъуамӕ ӕрцӕуа ӕмӕ ӕппӕт дӕр банывыл кӕна. Ӕмӕ уӕдӕ Фыст цӕмӕн афтӕ зӕгъы, Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бавзара бирӕ удхар ӕмӕ хынджылӕггаг фӕуа, зӕгъгӕ? Уымӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амыдта ӕмӕ сын дзырдта: «Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн адӕмы къухтӕм, амардзысты Йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». «Ныр мах цӕуӕм Иерусалиммӕ, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн алчертӕм ӕмӕ динамонджытӕм. Рахӕсдзысты Йын марыны тӕрхон ӕмӕ Йӕ ратдзысты муртаттӕм. Фӕлӕ уал фыццаг хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ Йыл ацы фӕлтӕр йӕхи атигъ кӕна.
Выбор основного перевода