Йесо сдзӕбӕх кодта, алыхуызон низтӕй чи сади, бирӕ ахӕмты, ӕмӕ адӕмӕй расырдта бирӕ дӕлимонтӕ. Дӕлимонтӕн нӕ лӕвӕрдта дзурыны бар, уымӕн ӕмӕ Йӕ зонгӕ кодтой.
Хохӕй куы ӕрцӕйцыдысты, уӕд сын Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй, цы федтой, уый тыххӕй макӕмӕн радзурой, цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй раста, уӕдмӕ.