Уый фӕстӕ Йӕ ныууагътой Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ ӕмӕ нал цыдысты Йемӕ.
Уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта дыууадӕсӕн: «Сымах дӕр фӕнды Мӕ ныууадзын?»
Симон Петр Ын дзуапп радта: «Хицау, кӕмӕ фӕцӕуӕм? Дӕумӕ сты мыггагмӕйы цард дӕттӕг ныхӕстӕ.
Мах бауырныдта ӕмӕ базыдтам, Ды Хуыцауы Сыгъдӕг кӕй дӕ, уый».