Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
«Сар дӕ сӕр, Хоразин! Сар дӕ сӕр, Вифсаидӕ! Уымӕн ӕмӕ сымахмӕ кӕй равдыстӕуыд, уыцы диссӕгтӕ Тир ӕмӕ Сидоны куы равдыстӕуыдаид, уӕд уыцы сахартӕ, хъисын скӕнгӕйӕ ӕмӕ сӕ сӕртыл фӕнык байзӕрдгӕйӕ, раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой. Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты уайтагъд сбадын кодта бӕлӕгъы ӕмӕ сӕ арвыста денджызы иннӕ фарсмӕ, Вифсаидӕмӕ; Йӕхӕдӕг уал баззади, цалынмӕ адӕмы ауадза, уӕдмӕ. Кӕдӕмфӕнды ма ӕрцыдаид Йесо, хъӕутӕм кӕнӕ сахартӕм, рынчынты-иу ӕрӕвӕрдтой фӕзты, хатыдысты Йӕм, цӕмӕй сӕ бауадза уӕд та Йӕ пӕлӕзы коцорайыл бандзӕвын; ӕмӕ-иу Ыл чидӕриддӕр бандзӕвыд, уыдон-иу сдзӕбӕх сты. Апостолтӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд Йесойӕн радзырдтой, цы сарӕзтой, уыдӕттӕ. Йесо сӕ Йемӕ рахуыдта, ӕмӕ хибарӕй ацыдысты, Вифсаидӕ кӕй хуындӕуыд, уыцы сахарырдӕм.
Выбор основного перевода