Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уый фӕстӕ Йесо зылди сахартыл ӕмӕ хъӕутыл, хъусын кодта фарны уац Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Йемӕ уыдысты Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы, Стӕй ӕнӕзӕгъинӕгты кӕмӕй расырдта ӕмӕ низтӕй кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы сылгоймӕгтӕ: авд дӕлимоны кӕмӕй рацыд, магдалӕйаг кӕй хуыдтой, уыцы Мариа, Ироды хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕг чи уыди, уыцы Хузайы ус Иоаннӕ, Сусаннӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр сылгоймӕгтӕ. Сеппӕт дӕр сӕ мулкӕй лӕггад кодтой Йесойӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн. Сабат куы аивгъуыдта, уӕд магдалӕйаг Мариа, Иаковы мад Мариа ӕмӕ Саломи балхӕдтой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ байсӕрдой Йесойы. Йесойы дзуары цур лӕууыдысты Йӕ Мад, Йӕ мадыхо, Клеопайы ус Мариа, ӕмӕ магдалӕйаг Мариа.
Выбор основного перевода