Уӕд Ыл иуӕй-иутӕ райдыдтой тутӕ кӕнын, бамбӕрзтой-иу Ын Йӕ цӕсгом, цавтой Йӕ ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый базон». Дзӕхстытӕ Йӕ кодтой хъахъхъӕнджытӕ дӕр.
Ирод Ӕй бафхӕрдта йе 'фсӕддонтимӕ, фӕхынджылӕг Дзы кодтой, зынаргъ дарӕс Ыл скодтой ӕмӕ Йӕ фӕстӕмӕ арвыстой Пилатмӕ.