Уӕд алчер размӕ ралӕууыд ӕмӕ бафарста Йесойы: «Дӕ ныхмӕ Дын цы ӕвдисӕнтӕ хӕссынц, уыдонӕн ницы дзуапп дӕттыс?»
Йесо ныхъхъус ӕмӕ ницы дзуапп лӕвӕрдта. Алчер Ӕй ногӕй бафарста: «Ды дӕ Чырысти, Арфӕгонды Фырт?»
Ӕмӕ Йӕ фарста бирӕ цӕмӕйдӕрты, фӕлӕ йын Йесо ницы дзуапп радта.