Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Иоанны минӕвӕрттӕ куы аздӕхтысты, уӕд Йесо адӕмӕн райдыдта Иоанны тыххӕй дзурын: «Цы уынынмӕ цыдыстут ӕдзӕрӕг бӕстӕмӕ? Дымгӕ кӕй ӕнкъусы, уыцы хъӕз уынынмӕ? Уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, ахӕм лӕджы уынынмӕ? Хъӕздыг дарӕс чи дары ӕмӕ бухъцард чи кӕны, уыдон паддзӕхты галуанты цӕрынц. Фӕлӕ уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Пехуымпары? О, зӕгъын уын, пехуымпарӕй дӕр уӕлдӕры. Иоанн у, Сыгъдӕг Фыст афтӕ кӕй тыххӕй зӕгъы: „Мӕнӕ Ӕз Мӕ фидиуӕджы ӕрвитын Дӕ разӕй, ӕмӕ Дын уый ӕрцӕттӕ кӕндзӕни Дӕ развӕндаг". Зӕгъын уын: сылгоймагӕй чи райгуырд, уыдонӕй ничи у Аргъауӕг Иоаннӕй уӕлдӕр, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады тӕккӕ къаддӕр Иоаннӕй уӕлдӕр у. Иоаннмӕ чи хъуыста, ӕппӕт уыцы адӕм, суанг хъалонисджытӕ дӕр, сӕххӕст кодтой Хуыцауы фӕнд ӕмӕ аргъуыд райстой Иоаннӕй. Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ нӕ саргъуыдтой. Уӕдӕ кӕуыл абарон ацы адӕмы фӕлтӕр? Кӕй хуызӕн сты? Сывӕллӕтты хуызӕн сты, сахары фӕзы чи бады ӕмӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ чи зӕгъы: „Мах уын уадындзӕй цагътам, ӕмӕ сымах нӕ кафыдыстут; мах уын хъарджытӕ кодтам, ӕмӕ сымах нӕ куыдтат". Уымӕн ӕмӕ ӕрцыд Аргъауӕг Иоанн, дзул дӕр нӕ хӕры, сӕн дӕр нӕ нуазы, ӕмӕ дзы зӕгъут: „Хӕйрӕджджын у". Ӕрцыд Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы, ӕмӕ Дзы зӕгъут: „Мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ расыггӕнаг, хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн". Фӕлӕ Хуыцауы уӕлзондӕн йӕ растгӕнӕг сты йеппӕт сывӕллӕттӕ». Ӕз Ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ мӕ донӕй аргъауынмӕ Чи рарвыста, Уый мын загъта: „Уды Кӕмӕ ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ Кӕимӕ баззайгӕ фенай, Уый у Сыгъдӕг Удӕй аргъауӕг".
Выбор основного перевода