Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд адӕмы дисы бафтыдта Йӕ ахуырад, Алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд бамбӕрстой, уыдоны тыххӕй кӕй дзырдта, уый. Ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ Йӕ адӕм пехуымпарыл нымадтой. Ӕмӕ сӕ дисы ӕфтыдта Йӕ ахуырад, уымӕн ӕмӕ сын амыдта динамонджытау нӕ, фӕлӕ барджынӕй. Дыууӕ боны фӕстӕ хъуамӕ уыдаид Куадзӕны ӕмӕ Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой Йесойы хинӕй ӕрцахсыны ӕмӕ Йӕ амарыны фадат. Дисы сӕ ӕфтыдта Йӕ ахуырад, уымӕн ӕмӕ барджынӕй дзырдта. Йесо ацы фӕсномыг ныхас уыдоны тыххӕй кӕй загъта, уый бамбӕрстой динамонджытӕ ӕмӕ алчертӕ, ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕвӕстиатӕй ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты. Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой, цӕсты сӕ чи нӕ бафтауа, Йесойы амарыны ахӕм фадат, уымӕн ӕмӕ адӕмӕй тӕрсгӕ кодтой.
Выбор основного перевода