Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Курут ӕмӕ райсдзыстут, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут ӕмӕ уын байгом уыдзӕн. Ӕмӕ Мӕ ном ссаргӕйӕ цыдӕриддӕр ракурат, уый уын ратдзынӕн, цӕмӕй Фырты фӕрцы Фыд равдиса Йӕ намыс. Мӕ ном ссаргӕйӕ Мӕ цы ракурат, уый уын ратдзынӕн. Сымах Мемӕ куы уат, ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы цӕрой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый ракурут ӕмӕ йӕ райсдзыстут. Уӕд Мӕ ницӕмӕй фӕрсдзыстут. Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕн. Ныронг Мӕ номӕй ницы куырдтат. Ныр курут ӕмӕ райсдзыстут, ӕмӕ уӕ цинӕн кӕрон нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не 'ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, – ӕмӕ йын ратдзӕн. Ӕрмӕст курӕд, кӕй райсдзӕн, ууыл ӕууӕндгӕйӕ ӕмӕ бынтон ӕнӕдызӕрдыгӕй. Уымӕн ӕмӕ дызӕрдыггӕнӕг у, дымгӕ кӕй сисы ӕмӕ кӕмӕй фӕхъазы, уыцы денджызон уылӕнау.
Выбор основного перевода