Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Марка
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Йесо зылдис ӕгас Галилейыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хаста сӕм фарны уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, дзӕбӕх кодта ӕппӕт рынчынты ӕмӕ ӕнӕфӕразонты. Бирӕтӕ Мын уыцы бон зӕгъдзысты: „Хицау, Хицау, мах Дӕ номӕй пехуымпариуӕг нӕ кодтам? Дӕ номӕй дӕлимонты нӕ сырдтам? Дӕ номӕй бирӕ диссӕгтӕ не 'вдыстам?" Йесо ӕнӕзӕгъинагӕн бардзырд радта: «Банцай ӕмӕ дзы рацу». Йесо сдзӕбӕх кодта, алыхуызон низтӕй чи сади, бирӕ ахӕмты, ӕмӕ адӕмӕй расырдта бирӕ дӕлимонтӕ. Дӕлимонтӕн нӕ лӕвӕрдта дзурыны бар, уымӕн ӕмӕ Йӕ зонгӕ кодтой. «Хъусыс, макӕмӕн мацы зӕгъ, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн, ӕмӕ кӕй ссыгъдӕг дӕ, уый тыххӕй ӕрхӕсс нывонд, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ – кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн». Фӕлӕ-иу сын Йесо бардзырд радта, цӕмӕй ма дзурой, Чи у, уый тыххӕй. Фӕлӕ сын Йесо тынг бафӕдзӕхста, уый тыххӕй мачи базонӕд, зӕгъгӕ. Стӕй ма сын загъта, цӕмӕй чызгӕн раттой хӕринаг. Йесо сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй уый тыххӕй макӕмӕн зӕгъой. Фӕлӕ сын цас фылдӕр фӕдзӕхста, уыйас фылдӕр хӕлиу кодтой уыцы хабар. Йесо йӕ арвыста йӕ хӕдзармӕ ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Хъӕумӕ ма бацу [ӕмӕ ацы хабар хъӕуы макӕмӕн радзур]». Павелимӕ-иу куы цыдыстӕм, уӕд-иу нӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кодта: «Ацы лӕгтӕ Дунедарӕг Хуыцауы цагъартӕ сты; фервӕзӕн цы амалӕй ис, уыдон уын уый тыххӕй дзурынц». Афтӕ кодта бирӕ бонты дӕргъы. Павел, ӕппынфӕстаг, смӕсты, акаст фӕстӕмӕ ӕмӕ ӕнӕзӕгъинагӕн загъта: «Йесо Чырыстийы номӕй дын дӕттын бардзырд: рацу дзы». Ӕмӕ дзы уайтӕккӕ рацыд. Фӕлӕ сын ӕнӕзӕгъинаг загъта: «Йесойы зонын, Павел дӕр мын зындгонд у, сымах та чи стут?»
От Марка
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Выбор основного перевода