Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Марка
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Хӕйрӕджджынтӕ хъӕр систой: «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Хуыцауы Фырт? Ӕмгъуыдӕй раздӕр нӕ ардӕм хъизӕмарӕй марынмӕ ӕрцыдтӕ?» Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Дунедарӕг Хуыцауы Фырт? Хуыцауы хатыр бакӕн, хъизӕмарӕй мӕ ма мар!» Ӕмӕ куы фехъуыста, уый Назаретаг Йесо у, зӕгъгӕ, уӕд райдыдта хъӕр кӕнын: «Йесо, Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!» Петры федта йӕхи артмӕ тавгӕ, ӕдзынӕг ӕм ныккаст, ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕр Назаретаг Йесоимӕ уыдтӕ». Мӕ Рарвитӕгӕн та фӕндон у, цӕмӕй Уый Мӕнӕн кӕй радта, уыдонӕй Ӕз макӕй фесафон, фӕлӕ сеппӕты дӕр райгас кӕнон фӕстаг бон. Сыгъдӕгыл ӕмӕ Рӕстгӕнӕгыл уӕхи атигъ кодтат, ӕмӕ уӕхицӕн ракуырдтат лӕгмары, Дӕу уырны, Хуыцау иунӕг Хуыцау кӕй у, уый. Хорз кӕныс. Уый дӕлимонты дӕр уырны ӕмӕ ӕмризӕджы ризынц.
От Марка
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Выбор основного перевода