Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Марка
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Йесо сдзӕбӕх кодта, алыхуызон низтӕй чи сади, бирӕ ахӕмты, ӕмӕ адӕмӕй расырдта бирӕ дӕлимонтӕ. Дӕлимонтӕн нӕ лӕвӕрдта дзурыны бар, уымӕн ӕмӕ Йӕ зонгӕ кодтой. Ӕмӕ ӕппӕт Галилейы синагогӕты хъусын кодта фарны уац, адӕмӕй сырдта дӕлимонты. Фӕлӕ-иу сын Йесо бардзырд радта, цӕмӕй ма дзурой, Чи у, уый тыххӕй. Бахӕццӕ сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Гадарӕйы бӕстӕмӕ. Йесо бӕлӕгъӕй куыддӕр рахызт, афтӕ зӕппӕдзтӕй Йӕ размӕ рацыди хӕйрӕджджын лӕг. Уый царди зӕппӕдзты. Суанг ӕй рӕхыстӕй сбӕттын дӕр ничиуал фӕрӕзта – Бирӕ хӕттыты-иу баст ӕрцыди хъадамантӕ ӕмӕ рӕхыстӕй, фӕлӕ-иу арӕдывта йӕ рӕхыстӕ ӕмӕ-иу ныссаста йӕ хъадамантӕ. Уый басӕттыны хъару никӕмӕ уыд. Иудадзыг, ӕхсӕвӕй-бонӕй, хъӕр кодта зӕппӕдзты ӕмӕ хӕхты, йӕхи хоста дуртыл. Йесойы дардмӕ куы ауыдта, уӕд Ӕм ӕрбазгъордта, ӕрзоныгыл Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Дунедарӕг Хуыцауы Фырт? Хуыцауы хатыр бакӕн, хъизӕмарӕй мӕ ма мар!» Уымӕн ӕмӕ йын Йесо афтӕ загъта: «Ӕнӕзӕгъинаг, рацу ацы адӕймагӕй». Йесо йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Уый Йын загъта: «Мӕ ном – легион, уымӕн ӕмӕ мах бирӕ стӕм». Ӕмӕ лӕгъстӕ кодта Йесойӕн, цӕмӕй сӕ уыцы бӕстӕйӕ ма арвита. Уым уӕлхох хызти хуыты стыр дзуг, Ӕмӕ дӕлимонтӕ куырдтой Йесойӕ: «Хуытӕм нӕ барвит, цӕмӕй сӕ мидӕг бацӕуӕм». Йесо сын бар радта. Ӕнӕзӕгъинӕгтӕ рацыдысты уыцы лӕгӕй, ӕмӕ бацыдысты хуыты. Ӕмӕ уыцы дзуг (уыдаид дзы иу дыууӕ мины бӕрц) къардиуӕй денджызмӕ фехста йӕхи, ӕмӕ фӕдӕлдон. Хуыгӕстӕ азгъордтой, ӕмӕ хабар радзырдтой сахар ӕмӕ хъӕуты. Ӕмӕ цы ӕрцыд, уый фенынмӕ рацыдысты адӕм. Ӕрбацыдысты Йесомӕ, ӕмӕ дӕлимонты легион кӕй мидӕг уыд, уыцы хӕйрӕджджыны федтой йӕ дарӕсы бадгӕ, йӕ зонд йӕхимӕ уыд, афтӕмӕй. Ӕмӕ старстысты. Цы ӕрцыд, уый фенӕг адӕм сын ракодтой хӕйрӕджджыны ӕмӕ хуыты хабар. Уӕд Йесомӕ райдыдтой хатын, цӕмӕй ацӕуа сӕ зӕххӕй. Йесо бӕлӕгъмӕ куы бацӕйхызт, уӕд Дзы раздӕры хӕйрӕджджын куырдта, цӕмӕй йӕ уадза Йемӕ. Фӕлӕ Йесо не сразы ӕмӕ йын загъта: «Ацу дӕ хӕдзармӕ ӕмӕ дӕ бинонтӕн радзур, Хуыцау дын цы сарӕзта ӕмӕ дӕм Йӕ хорзӕх куыд равдыста, уый тыххӕй». Уый ацыд, ӕмӕ Дӕссахары райдыдта дзурын, Йесо йын цы сарӕзта, уый тыххӕй. Ӕмӕ иууылдӕр дисы ӕфтыдысты. Йесо араст уырдыгӕй, ӕмӕ ӕрцыди Тиры зӕхмӕ. Уым бацыд иу хӕдзармӕ. Фӕндыд Ӕй, уым кӕй ис, уый куыд мачи базона, фӕлӕ Йӕ къухы нӕ бафтыд. Йесойы тыххӕй уайтӕккӕ фехъуыста, йӕ чызг хӕйрӕджджын кӕмӕн уыд, иу ахӕм сылгоймаг; ӕрцыд ӕмӕ йӕхи Уый къӕхтӕм ӕрӕппӕрста. Уыцы сылгоймаг та уыди муртат, Сириаг Финикийӕ. Ӕмӕ Йесойӕн лӕгъстӕ кодта йӕ чызгӕй йын дӕлимоны расурыны тыххӕй. Йесо йын загъта: «Уадз ӕмӕ уал сывӕллӕттӕ бафсӕдой. Хорз нӕу сывӕллӕтты къӕбӕр райсын ӕмӕ йӕ куыйтӕн аппарын». Сылгоймаг Ын дзуапп радта: «О, Хицау, фӕлӕ куыйтӕ дӕр фынджы бын фӕхӕрынц, сывӕллӕтты фынгӕй цы муртӕ ӕрхауы, уыдон». Уӕд ын Йесо загъта: «Ахӕм дзуаппы фӕстӕ цу, дӕлимон рацыди дӕ чызгӕй». Сылгоймаг хӕдзармӕ куы ӕрцыд, уӕд федта: йӕ хъӕбул хуыссы хуыссӕныл, дӕлимон дзы рацыд. Адӕмӕй Йын иу дзуапп радта: «Ахуыргӕнӕг, ӕз Дӕм ӕркодтон, ӕнӕзӕгъинаг кӕй багомыг кодта, мӕ уыцы лӕппуйы. Кӕм ӕй ӕрцахсы, уым ӕй зӕххыл ныццӕвы, ӕмӕ лӕппуйӕн йӕ комы фынк скӕлы, йӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс ссӕуы, нындзыг вӕййы. Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътон, цӕмӕй расурой дӕлимоны, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци». Йесо дзуапп радта: «Ӕнӕуырнӕг фӕлтӕр! Кӕдмӕ уыдзынӕн уемӕ? Кӕдмӕ уын быхсдзынӕн? Ӕрбакӕнут Мӕм ӕй». Ӕмӕ Йӕм ӕй ӕрбакодтой. Дӕлимон куыддӕр Йесойы ауыдта, афтӕ лӕппуйы йӕ гӕндзӕхтӕ цӕгъдыныл бафтыдта; лӕппу адӕргъ и зӕххыл ӕмӕ, йӕ комы фынк калгӕйӕ, ратул-батул кодта. Йесо йын бафарста йӕ фыды: «Рагӕй афтӕ у?» Уый Йын дзуапп радта: «Сывӕллонӕй нырмӕ. Дӕлимон ӕй бирӕ хӕттыты ӕппӕрста арты ӕмӕ доны, цӕмӕй йӕ фесафа. Кӕд Дӕ бон у, уӕд нын батӕригъӕд кӕн ӕмӕ нын баххуыс кӕн». Йесо йын загъта: «Кӕд Дӕ бон у, зӕгъыс? Уырнӕгӕн ӕппӕт дӕр у йӕ бон». Лӕппуйы фыд [цӕссыгкалгӕ] уайтӕккӕ хъӕрӕй загъта: «Уырны мӕ! Баххуыс кӕн мӕ лӕмӕгъ уырнындзинадӕн». Йесо адӕмы ӕрбацӕйзгъоргӕ куы федта, уӕд ӕнӕзӕгъинагӕн радта бардзырд: «Ӕгомыг ӕмӕ къуырма уд! Ӕз дын зӕгъын: рацу уымӕй ӕмӕ дзы макуыуал бацу». Уӕд дӕлимон ныхъхъӕр кодта, тынг ныууыгъта лӕппуйы, ӕмӕ дзы рацыд. Лӕппу мардау фӕци, ӕмӕ бирӕтӕ дзырдтой, амарди, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын Йесо схӕцыд йӕ къухыл, рабадын ӕй кодта, ӕмӕ лӕппу сыстад. Йӕ ныхӕстӕ дисы бафтыдтой ахуыргӕнинӕгты. Фӕлӕ сын Йесо ноджыдӕр загъта: «Мӕ хъӕбултӕ, ӕвӕдза, [мулкӕй ныфс кӕй ис, уымӕн] куыд зын у Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын! Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ фӕндаг дардтой Иерусалиммӕ; Йесо цыди сӕ разӕй. Ахуыргӕнинӕгтӕ дисы ӕфтыдысты, Йӕ фӕдыл цӕуӕг адӕмы та тас бацыд. Йесо ногӕй фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын дзурын райдыдта, цы Йыл ӕрцӕудзӕн, уыдӕтты тыххӕй:
От Марка
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Выбор основного перевода