Иоанн ӕвдисӕн лӕууыд: «Ӕз федтон Сыгъдӕг Уды уӕларвӕй бӕлонау Уымӕ ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ Йемӕ баззайгӕ.
Ӕз Ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ мӕ донӕй аргъауынмӕ Чи рарвыста, Уый мын загъта: „Уды Кӕмӕ ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ Кӕимӕ баззайгӕ фенай, Уый у Сыгъдӕг Удӕй аргъауӕг".
Ӕз уыдӕттӕ федтон ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууын, Хуыцауы Фырт кӕй у, уый тыххӕй».