Бирӕтӕ Мын уыцы бон зӕгъдзысты: „Хицау, Хицау, мах Дӕ номӕй пехуымпариуӕг нӕ кодтам? Дӕ номӕй дӕлимонты нӕ сырдтам? Дӕ номӕй бирӕ диссӕгтӕ не 'вдыстам?"
Уымӕ гӕсгӕ ныууадзут алы чъизи ми, алы фыдӕх; ӕвӕлмасӕй кӕсут Хуыцауы ныхасы коммӕ. Уыцы ныхас байтыдӕуыд уӕ зӕрдӕты ӕмӕ йӕ бон у уӕ фервӕзын кӕнын.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау сраст кӕндзӕн, Ӕгъдау чи хъусы, уыдоны нӕ, фӕлӕ Ӕгъдау ӕххӕстгӕнджыты.